Перейти к содержанию

Финлянди

65° с. ш. 27° в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Финляндийы Республикæ
Suomen Tasavalta
Republiken Finland
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Maamme»
Официалон æвзæгтæ финнаг, шведаг
Сæйраг сахар Хельсинки
Стырдæр сахартæ Хельсинки, Эспоо, Тампере, Вантаа, Турку
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент Саули Нийнистё
Премьер-министр Саннæ Марин
Территори
 • Æдæппæт 338 145 км²
 • Доны уæлцъары % 9,96
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 5 550 066 ад.
 • Æнгомад 18,3 ад./км²
Валютæ евро
Интернет-домен .fi, .ax (Аланды сакъадæхтæ)
Код ISO FI
ÆОК-ы код FIN
Телефонон код +358
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Финля́нди (фин. Suomi [ˈsuo̯mi], швед. Finland) у паддзахад Европæйы цæгаты, Европæйы Цæдис æмæ Шенгены бадзырды паддзахæдтæй иу. Скæсæны Финлянди æмарæн у Уæрæсеимæ, цæгат-ныгуылæны — Швециимæ, цæгаты — Норвегиимæ. Хуссар æмæ ныгуылæны йæ былтæ æхсы Балты денджыз. Финляндийы сæйраг сахар у Хельсинки, уый дæр у бæстæйы стырдæр сахар.

Финлянди фаг стыр паддзахад у, йæ фæзуатмæ гæсгæ у Европæйы æстæм (дунейы 64-æм). Финлянди у дунейы дыккаг æнтыстджындæр паддзахад, йæ хæстон, социалон, экономикон æмæ политикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ[1].

2023-æм азы агъоммæ Финлянди уыди Европæйы Цæдисы иунæг уæнг, Уæрæсеимæ арæн кæмæн ис, фæлæ НАТО-мæ чи нæ бацыди, ахæм. 2023-æм азæй Финлянди у НАТО-йы уæнг.

Финлянди Скандинавийы бæстæ нæу, фæлæ скандинаваг культурæмæ у хæстæг, стæй уыцы иу регионы лæууы — уый тыххæй пайда кæнынц терминæй Фенноскандинави (ома Норвеги, Швеци æмæ Финлянди кæй ахсы, уыцы регион).

Адæм æрцардысты Финляндийы æртæ фарсæй. Финно-угойраг знæмттæ æрбацыдысты Уралы ’рдыгæй æмæ бæстæмæ бацыдысты Карелийы зæхкъубал æмæ Финляндийы донбакæлæныл. Астæузаман уыцы территори уыд куы Новгороды, куы Швецийы дæлбар.

1581-æм азæй Финляндийæн уыд стыр кънйазады статус (Швецийы дæлбар). Уæрæсейы æмæ Швецийы ’хсæн хæсты фæстæ 1809-æм азы Финляндиаг стыр кънйазад æххæстæй бацыд Уæрæсейы империмæ. Империйы Финляндимæ уыд егъау автономи: шведаг æмæ финнаг æвзаг баззадысты йæ официалон æвзæгтæ, уыдис ын бар йæхи æхца (финляндиаг маркæ) уадзын æмæ афтæ дарддæр. 1892-æм азы финнаг æвзаг официалон æгъдауæй сси шведаг æвзагимæ æмбар.

1906-æм азы Финлянди скусын кодта æвзарыны æппæтиумæйаг бар (сылгоймæгтæн дæр), дунейы фыццаг бæстæты ’хсæн.

Сырхытæ сты, Финляндийæ Советон Цæдисмæ цы зæххытæ райстæуыд, уыдон

1917-æм азы декабры Финлянди расидти йæ паддзахадон хæдбардзинад, æмæ большевикон хицауад уыцы хæдбардзинадыл сразы. 6 декабры ныр дæр барæг кæнынц куыд национ бæрæгбон — Хæдбардзинады бон. Уый фæстæ, куыд Уæрæсейы, афтæ Финляндийы дæр цыдис карз мидхæст — рамбылдтой дзы «урсытæ».

Фæстæдæр Советон Цæдис Финляндийы ныхмæ райдыдта хæст æмæ дзы тыхæй райста бирæ зæххытæ (ныр Карели æмæ Ленинграды облæсты хæйттæ сты). Дыккаг дунеон хæсты рæстæг Финлянди Германы фарс æрлæууыд (финн æй хуыдтой Дарддæргæнæн хæст) æмæ та ногæй фембылды и. 1944-æм азы Финлянди хæстæй рацыд, æмæ дзы Советон Цæдисмæ ноджы цалдæр гæппæлтæ бафтыдтой (Петсамойы регион, уырыссагау та — Печенгæ, ныр Мурмансчы облæсты). Уый йеддæмæ Финляндийы бахъуыд немыцы ныхмæ схæцын (Лапландийы хæст) æмæ контрибуцитæ дæр фидын.

Хæст куы фæци, Финляндийы къухы бафтыд Советон Цæдисимæ хорз бастдзинад саразын, уый бæстæйы экономикæйæн дæр фæахъаз кодта: рапарахат машинæаразæн, гæххæттуадзæн æмæ полиграфион индустри. Уыцы æнтыстытæ Финляндийы уæды президенты Урхо Кекконены (фин. Urho Kekkonen) сгуыхтдзинадыл нымад сты. Кекконен йæ бынаты куыста 25 азы дæргъы.

Финлянди у, бирæ сакъадæхтæ æмæ бирæ цæдтæ кæм ис, ахæм бæстæ. Ис дзы 190 мин цады бæрц, уыдон ахсынц Финляндийы территорийы 9%. Цадтæ кæрæдзиимæ сты баст æмæ уымæй сты егъау цады системæ. 36 къанауы æмæ 48 шлюзы фæрцы уыцы системæ у наудзон. Къанаутæй ахсджиагдæр у Саймæйы къанау, уый Саймæйы цад Финляндийы бакæлæнимæ бæтты.

«Архипеладжы денджызы» скæсæйнаг хай

Финляндийы æртæ сахары — Маарианхаминæ, Уусикаупунки æмæ Ханкойы — ’хсæн ис сакъадахджын регион, финнагау хуыйны Saaristomeri «Архипеладжы денджыз». Уыцы регион у дунейы стырдæр архипелаг: йæ сакъадæхты нымæц бæлвырд зæгъæн нæу, уый тыххæй æмæ уыцы нымæц тынг баст у, сакъадах цы хонæм, уыимæ. Сæ фæзуат иу квадратон километрæй фылдæр кæмæн у, 257 ахæм сакъадæхы дзы ис. Гектары ’рдæгæй фылдæр та — 18 мины бæрц. Ис ма бирæ чысылдæр сакъадахы. Уыимæ абарынмæ, егъау Индонезийаг архипеладжы ис 13-18 мин сакъадахы).

Архипеладжы стырдæр сакъадæхты ’хсæн ис хорз бастдзинад: хидтæ, бырантæ, зымæгон ихын фæндæгтæ.

Кæд цæгатаг бæстæ у, уæддæр Финляндийы бæстыхъæд æппын карз нæу. Бетъырбухимæ абаргæйæ, Хельсинкийы температурæ вæййы цалдæр градусы хъармдæр. Уый у Атлантикон фурды тавæг.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]
Хельсинки

Финляндийы дыууæ атомон электростанцæйы ис (цыппар реакторы), уый æмæ æндæр аххосты фæрцы ацы бæстæ ахсы Европæйы Цæдисы фыццаг бынат (Францимæ) электрон тыхы аргъмæ гæсгæ (ома, тæккæ асламдæр электрон тых у Финлянди æмæ Францы). Электрон энергийы 5—17% Финлянди æлхæны Уæрæсейæ.

Финляндийы цыппор стырдæр компанитæ сты: Nokia, Stora Enso, Neste Oil, UPM-Kymmene, Kesko, SOK, Metsäliitto, Outokumpu, Metso, Tamro, Fortum, Sampo, Kone, Elcoteq, Rautaruukki, Wärtsilä, YIT, Varma, Cargotec, SanomaWSOY, Kemira, Ilmarinen Keskinäinen Eläkevakuutusyhtiö, TeliaSonera Finland, Luvata International (former Outokumpu Copper), Huhtamäki, Finnair, Lemminkäinen, HKScan, Onvest, RTF Auto, Tieto, Ahlstrom, Konecranes, Valio, ABB, Itella, Amer Sports, Teboil, Elisa æмæ Myllykoski[2].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Failed States Index Scores 2008(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 9 декабры. Архив 2008-æм азы 14 июлы.
  2. Top list: The largest companies in the Nordic countries by turnover (excl. national subsidiaries): Finland(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 9 декабры. Архив 2008-æм азы 4 декабры.