Картье, Жак
Жак Картье | |
---|---|
фр. Jacques Cartier | |
| |
Райгуырды датæ | 1491-æм азы 31 декабры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1557-æм азы 1 сентябры (65 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | штурман, бæлццон-иртасæг, денджыздзау, æрымысæг, наудзог, политик |
Æмкъай | Mary Catherine des Granches[d][1] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Жак Картье́ (фр. Jacques Cartier; райгуырдис 1491-æм азы Сен-Малойы — амардис 1557-æм азы 1 сентябры Сен-Малойы) — францаг (бретойнаг) денджыздзау, фыццаг ахæм, Цæгат Америкæйы Францы колонийæн бындур чи æрæвæрдта. Сæххæст кодта æртæ экспедици йæ донбылтæм æмæ сси фыццаг ахæм европæйаг, картæмæ Сыгъдæг Лаврентийы бакæлæн æмæ Сыгъдæг Лаврентийы цæугæдоны былтæ æд зæххытæ чи бахаста. Радта сын ахæм ном — «Канадты бæстæ».
Кэбот æмæ Шампленимæ нымад у Канадæйы фыццагдæр байгомгæнæгыл.
Йæ райгуырды бæлвырд датæ бæрæг нæу, фæлæ райгуырдис 1492-æм азы июны фæстæ Бретаны цæгат-скæсæны. 1532-æм азы Бретань бацыдис Францы скондмæ, къаролты æмкъайады фæрцы.
Картьейы фыццаг экспедици уыдис 1534-æм азы. Уый базонгæ и алыхуызон индейаг знæмтимæ, сæ иуы минæвæртты æрбаласта йемæ Францмæ. Дыккаг экспедици ахаста 14 мæйы — уыдис 1535–36-æм азты, уый дæргъы бæлцæттæ ссардтой егъау Сыгъдæг Лаврентийы цæугæдон, иртæстой бынæттон зайæгойтæ. Къарол уымæй бузныг уыд æмæ Картьейæн балæвар кодта экспедицийы наутæй иу, «Гранд Эрмин», зæгъгæ.
1450-æм азы Картье ногæй афтыдис Америкæмæ, ацы хатт къаролы фындыдис цæмæй экспедици бындур æрæвæра колонийæн. Ацы хатт францæгтæ индейæгтимæ фæхыл сты, иуæй-иутæ дзы фæмардысты. Уый фæстæ Картьейы ног экспедицитæм нал æрвыстой. Йæ царды кæрон арвыста йæ райгуырæн сахары, уыдис португайлаг æвзагæй тæлмацгæнæг.
Амардис эпидемийы рæстæг, цот нæ ныууагъта.
Картьейы ном хæссы Монреалы фæзтæй иу.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ https://trahir.wordpress.com/2018/02/10/vallieres-cartier/
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.