Копрæ
Внешний вид
Копрæ у кокоспальмæйы æнгузты хусгонд эндосперм. У цъарæй æмбæрзт урс кæнæ бурбын къæбæрты хуызæн, 6–12 мм стæвдæн. Бæззы хæрынæн.
Копрæйы сконды ис (%):
- дон — 6;
- зайæгхалы сой — 67;
- æвзалыдон — 16;
- урсаг — 9.
Копрæйæ тæвд прессæй æлхъивынæй амал кæнынц, кулинарийы, стæй техникæйы хомагæн чи бæззы, ахæм æнцонтайæн зети (тайыны температурæ: 20–27 градусы).
Копрæйы жмых у æрдаг концентрацигонд холлаг. Иу æнгузæй самалгæнæн ис 80–500 г копрæйы. Кокосы ногдыгъд эндоспермы сконды вæййы (%):
- кокосы зети — 30–40;
- копрæ — 60–70.
Копрæ хъæуы къорд продукты кæнынæн: маргарин, техникон зети, глицерин, сапон æмæ напалм. Дунейы сæйрагдæр копрæгæнджытæ: Хуссар-Скæсæйнаг Азийы бæстæтæ (æппæтон продукцийы 67%), Океани (10%-мæ ’ввахс), Африкæ (3–4%).