Перейти к содержанию

Корейаг алфавит

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хангылæй фыст дзырд «хангыл» (hangul)

Корейаг алфавит у корейаг æвзагыл кæй фæрцы фыссынц, уыцы алфавит. Хонынц æй хангыл дæр (Корейы хуссары) æмæ чосонгыл дæр (Корейы цæгаты). Лингвисттæм гæсгæ, рагон корейаг алфавит иттæг хорз бæззы корейагау фыссынæн.

Корейаг алфавит корейаг лингвисттæ сарæзтой 1443 азы къарол Седжоны заказмæ гæсгæ. Корейаг адæм сæ алфавитæй тынг сæрыстыр сты æмæ йæ кадæн сарæзтой сæрмагонд бæрæгбон — Хангылы бон.

Дамгъæтæ

[ивын | Бындур ивын]

Хуссайраг традицимæ гæсгæ, алфавиты нымайынц 24 дамгъæйы. Уыдон сты:

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ

Цæгатаг традицимæ гæсгæ, корейаг алфавиты ис 40 дамгъæйы (уыдон дывæргонд дамгъæты дæр нымайынц, æмæ уый тыххæй):

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㄲ ㄸ ㅃ ㅆ ㅉ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ ㅐ ㅒ ㅔ ㅖ ㅚ ㅟ ㅢ ㅘ ㅝ ㅙ ㅞ

Уæрæсейы цы корейаг дзырдуæттæ уагъд цæуынц, уыдон пайда кæнынц цæгат-корейаг системæйæ.

Транскрипци

[ивын | Бындур ивын]
дамгъæ уырыссаг
транскрипци
(ног) латинаг
транскрипци
г / к g / k
н n
д / т d / t
р / л (ль) r / l
м m
б / п b / p
с / -т s
сæрæй æвæрд куы вæййы, уæд хицæн кæны æмхъæлæсон/ уæнгы кæрон куы вæййы, уæд та дзырдæуы "нн"/"нг" ng
дж / -т j
ч / -т ch
к / -к k
т / -т t
п / -п p
х h
кк kk
тт tt
пп pp
сс ss - уæнгы кæрон та свæййы tt)
чч jj
а a
я ya
о eo
ё yeo
о o
ё yo
у u
ю yu
(куыд уырыссаг "ы")|eu
и i
э ae
йя yae
э / е e
йе / е ye
уы oe
уи wi
Ый / и ui
уа wa
уо wo
уе wae
уы weo