Перейти к содержанию

Тираннозавр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тираннозавры сæргæхц

Тиранноза́вр (лат. Tyrannosaurus) уыд æрæгмелон периоды динозавртæй иу хуыз. Дæргъмæ уыд 12 метры, йæ уæз та уыд 7 тоннæйы; цыди дыууæ къахыл, йæ раззаг дзæмбытæ æгæр цыбыр уыдысты, афтæмæй.

Тугдзых цæрæгой уыд æви нæ — уый иртасджытæ нæма базыдтой бæлвырдæй. Йæ дæндæгты æвæрд у хæдмæл хæрынæн тынгдæр бæззынц.

Тираннозавр ссæрдæуыд 1902-æм азы АИШ-ы.