Сомих кæнæ Сомихыстон, дыгур. Сомех (сом. Հայաստան [hɑjɑsˈtɑn]), официалон æгъдауæй — Сомихы Республикæ (сом. Հայաստանի Հանրապետություն [hɑjɑstɑˈni hɑnɾɑpɛtuˈtʰjun]), у Хуссар Кавказы паддзахад. Ис Ныгуылæн Азийы, денджызмæ бацæуæн йæм нæй. Арæнтæ йæм ис Гуырдзыстон, Турк, Азербайджан æмæ Иранимæ. Йæ сæйраг сахар у Ереван. Сомихы зæххыты фæзуат у 29 800 квадратон километр, æмæ йæ цæрджыты нымæц та у 3,3 милуан. Кæд географион критеритæм гæсгæ Азийы ис, уæд культурон æууæлтæй Европæйы паддзахадыл нымад у.

Сомихы Республикæ
Հայաստանի Հանրապետություն
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Мер Айреник»
«Мах Фыдыбæстæ»
Официалон æвзаг сомихаг
Сæйраг сахар Ереван
Стырдæр сахартæ Ереван, Гюмри
Хицауиуæджы хуыз Президентон республикæ
Президент Ваагн Хачатурян
Премьер-министр Никол Пашинян
Территори
 • Æдæппæт 29 800 км²
 • Доны уæлцъары % 4,7
Цæрджытæ
 • Бахыгъд (2024) 3 165 000 ад.
 • Æнгомад 100,4 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2017) 11 037 млрд долл.
Валютæ драм
Интернет-домен .am
Код ISO AM
ÆОК-ы код ARM
Телефонон код +374
Сахатон таг +4
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Карабахы конфликты фæстæ Турк æмæ Азербайджан Сомихимæ сæ арæнтæ сæхгæдтой, афтæмæй дунейы бæстæтимæ уæйгæнæн ис æрмæст Гуырдзыстон æмæ Ираны территоритыл.

2009-æм азы райдыдта Турк æмæ Сомихы ’хсæн бафидауыны процесс. Сомихы цæрджытæ сæ ныфс дарынц ууыл, æмæ арæн байгом уыдзæн, уымæй та фæасламдæр уыдзысты æппæт импортгонд товартæ. Иуæй-иу политиктæ зæгъынц, гом арæн Туркæн æлхъивыны инструмент кæй ратдзынæн, уый тыххæй[1]. Ныртæккæ, 1992-æм азы бадзырдмæ гæсгæ, Туркимæ Сомихы арæн хъахъхъæнынц Уæрæсейы арæнгæсты æфсад[2].

Паддзахады нырыккон президент у Ваагн Хачатурян (2022-æм азæй).

Сомихы валютæ у драм. Лыстæгдæр æхца у 10 драмы згъæрæхца.

Сомих у дунейы рагондæр чырыстон паддзахæдтæй иу. Чырыстон дин дзы сси официалон 301-æм азы.

Бæстæйы цардмæ стыр тæваг дарынц сомихаг фæсарæйнаг диаспорæ.

Этимологи

ивын

Иронау та дзырд «Сомих» y равзæрд гуырдзиаг дзырдæй «Сомхети» (гуырдз. სომხეთი кæнæ სასომხეთი). Куыд уынæм, афтæмæй абон ацы дзырд у æрмæстдæр уыцы дыууæ æвзæгтыл.

Административон дих

ивын
 
Сомихы провинцитæ

Сомихы ис 11 провинцийы (марзтæ, сом. մարզ):

  1. Арагацотн (сом. Արագածոտնի մարզ) — с. Аштарак.
  2. Арарат (сом. Արարատի մարզ) — с. Арташат.
  3. Армавир (сом. Արմավիրի մարզ) — с. Армавир.
  4. Гегаркуник (сом. Գեղարքունիքի մարզ) — с. Гавар.
  5. Котайк (сом. Կոտայքի մարզ) — с. Раздан.
  6. Лори (сом. Լոռու մարզ) — с. Ванадзор.
  7. Ширак (сом. Շիրակի մարզ) — с. Гюмри.
  8. Сюник (сом. Սյունիքի մարզ) — с. Капан.
  9. Тавуш (сом. Տավուշի մարզ) — с. Иджеван.
  10. Вайоц Дзор (сом. Վայոց Ձորի մարզ) — с. Ехегнадзор.
  11. Ереван (сом. Երևան) — с. Ереван.
 
Моладзандон Сомихы
 
Гарнийы аргъуан, нæ эрæйы I æнус

Паддзахадон арæзт

ивын

Президент

ивын

Сомихы президенттæ:

Фиппаинæгтæ

ивын