Бенгали
Внешний вид
Бенгали (бенг. বঙ্গ, англ. Bengal) — Хуссар Азийы цæгат-скæсæны историон бæстæ, йæ цæрджытæй фылдæр сты бенгайлæгтæ, дзурынц бенгайлаг æвзагыл. Абоны дуджы Бенгалийы территори хауы дыууæ паддзахадмæ — Индийы ис хицæн штат Ныгуылæн Бенгали, Скæсæйнаг Бенгали та зындгонд у куыд хæдбар Бангладеш. Регионы стырдæр сахартæ сты Калькуттæ Индийы æмæ, Бангладешы сæйраг сахар чи сси, уыцы Даккæ.
Британийы империйы рæстæг (1947-æм азы онг) иугонд Бенгалийы фæзуат уыд 1 674 279 кв. км. Уыцы территорийы ныртæккæ цæры 210 милуан адæймаджы бæрц. Бенгали у дунейы цæрæгджындæр бæстæтæй иу, цæрджыты æнгомад дзы у 951,3 адæймаджы иу квадратон километрæн.