Ботсванæ
Внешний вид
| |||||
Девиз: «Pula Къæвда» | |||||
Гимн: «Fatshe leno la rona Махæн нæ Зæхх» | |||||
Хæдбар сси | 1966 Стыр Британийæ | ||||
Æвзаг | англисаг, тсванæйаг | ||||
Сæйраг сахар | Габороне | ||||
Стырдæр сахартæ | Габороне | ||||
Хицауиуæджы хуыз | парламентон республикæ | ||||
Президент | Ян Кхама | ||||
Фæзуат | 600 370 км² | ||||
Доны процент | 2,5 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2003) • Æнгомад |
1 573 267 ад. 2,7 ад./км² | ||||
Валютæ | Пулæ | ||||
Интернет-домен | .bw | ||||
Телефонон код | +267 | ||||
Сахатон таг | +2 |
Ботсванæ (англ. Republic of Botswana) у Хуссар Африкæйы паддзахад, Хуссар Африкаг Республикæйы цæгатаг сыхаг. Кæддæры Стыр Британийы протекторат Бечуаналенд сси хæдбар 1966 азы.
Бæстæйы бирæ адæм нæ цæры, фæлæ æрдзон хæзнатæй у тынг хъæздыг. Уый æмæ йæ политикон стабилондзинады фæрцы Ботсванæ у Сау Африкæйы хъæздыгдæр паддзахæдтæй иу.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Ботсванæ у дунейы 45-æм стырдæр паддзахад, йæ фæзуат у 600,4 мин км², ома стырдæр паддзахæдты номхыгъды лæууы Украинæйы фæстæ. Уыимæ хæстæг фæзуæттæ и АИШ-ы штат Техасæн æмæ сакъадахон бæстæ Мадагаскарæн.
Ботсванæйы фылдæр хай (70%) у æдзæрæгран Калахари.